Гуырдзыстоны рæстæгмæ цæрыны бары æмгъуыд 6-æй 12 азы онг рæзы
Гуырдзыстоны рæстæгмæ цæрыны бары æмгъуыд 6-æй 12 азы онг рæзы

Гуырдзыстоны рæстæгмæ  цæрыны  барлæвæрды  максималон  æмгъуыд – æхсæз  аз-  12  азæй  ивынц.  Æмбæлгæ  ивддзинæдтæ бюройы   райсомы  рабадтыл  бавдыст уыдзысты, кæцыйы  инициатиор  парламенты адæймаджы барты  хъахъхъæды  комитеты сæрдар Михеил Сарджвеладзе у.

Закъонопроекты банысангонд у, цæмй рæстæгмæ  цæрыны барлæвæрд   ратдзысты  Гуырдзыстоны фæсарæйнагæн  уæвынæн хъæугæ æмгъуыдмæ.  Афтæма инициативæйы  дзырдæуы,  цæмæй  фæсарæйнаг  æмбæстагмæ, Гуырдзыстоны æхсæз азы   дæргъы рæстæгмæ цæрыны  барæй  цæрыны цауы лæвæрд цæудзæн фадат, адарддæр кæна  рæстæгмæ  цæрыны  бары æмгъуыд,  цæйнæфæлтау  иудадзыг цæрыны бар сиса,  ныр куыд у  афтæ.