Гуырдзыстоны рабæрæг ис коронавирусæй инфицирады иуæндæс ног цау, ноджы иу пациент та снæниз ис
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 11 ног цау рабæрæг ис. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны хицауады специалонæй арызт веб-фарсыл stopcov.ge цъус рæстæг размæ ранæуæг ис.
Веб-фарсы информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ рабæрæг ис коронавирусæй инфицирады 1039 цау. Сæнæниз ис ноджы иу пациент – æмтгæй райсгæйæ, чи сæнæниз ис, уыцы пациентты нымæц у 900.
Афтæма, фæсарæнтæй хоскæнынмæ Гуырдзыстонмæ æрластой 41 æмбæстагы.
Коронавирусæй инфицирады аххосæй бæстæйы фæмард 15 пациент.
Карантины режимы сты 5687 æмбæстаг, æрмæст стационары цæстдарды бын – 232.