Гуырдзыстоны рабæрæг ис коронавирусæй инфицирады иу ног цау, 11 пациент та сæнæниз сты
Гуырдзыстоны рабæрæг ис коронавирусæй фæрынчыны иу ног цау. Уый фæдыл информаци хицауады специалон веб-фарсыл stopcov.ge-ыл цъус рæстæг размæ ранæуæг ис.
Веб-фарсы информацийæ, ацы рæстæгмæ Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 809 цау у бæрæг. Афтæма, сæнæниз сты ноджы 11 пациент æмæ чи сдзæбæх ис, уыдоны æмтгæйон нымæц у 674.
Афтæма, фæсарæнтæй схос кæнынæн Гуырдзыстонмæ æрластой æртæ æмбæстагы.
Коронавирусæй фæрынчыны аххосæй, бæстæйы фæмард 13 пациент.
Карантины режимы сты 3161 æмбæстаг, æрмæст стационары цæстдарды бын – 285.