Гуырдзыстоны рабæрæг ис коронавирусæй инфицирады фондз ног цау, ноджы æртæ пациент та снæниз сты
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады фондз ног цау рабæрæг ис.
Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны хицауады специалонæй арызт веб-фарсыл stopcov.ge цъус рæстæг размæ ранæуæг ис.
Веб-фарсы информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ рабæрæг ис коронавирусæй инфицирады 968 цау. Сæнæниз ис ноджы æртæ пациент – æмтгæй райсгæйæ, чи сæнæниз ис, уыцы пациентты нымæц у 844.
Афтæма, фæсарæнтæй хоскæнынмæ Гуырдзыстонмæ æрластой æртæ æмбæстагы.
Коронавирусæй инфицирады аххосæй бæстæйы фæмард 15 пациент.
Карантины режимы сты 4425 æмбæстаг, æрмæст стационары цæстдарды бын – 222.