Гуырдзыстоны рабæрæг ис коронавирусæй инфицирады фондз ног цау, ноджы 8 пациент та снæниз сты
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады фондз ног цау рабæрæг ис. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны низты контролы национ центр хъусын кæны.
Веб-фарсы информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ рабæрæг ис коронавирусæй инфицирады 958 цау. Сæнæниз ис ноджы аст пациент – æмтгæй райсгæйæ, чи сæнæниз ис, уыцы пациентты нымæц у 838.
Афтæма, фæсарæнтæй хоскæнынмæ Гуырдзыстонмæ æрластой æртæ æмбæстагы.
Коронавирусæй инфицирады аххосæй, бæстæйы фæмард 15 пациент.
Карантины режимы сты 3 903 æмбæстаг.