Гуырдзыстоны рабæрæг ис коронавирусæй инфицирады фондз ног цау, ноджы 6 пациент та снæниз ис
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады фондз ног цау рабæрæг ис. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны хицауады специалонæй арызт веб-фарсыл stopcov.ge цъус рæстæг размæ ранæуæг ис.
Веб-фарсы информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ рабæрæг ис коронавирусæй инфицирады 1160 цау. Сæнæниз ис ноджы æхсæз пациент – æмтгæй райсгæйæ, чи сæнæниз ис, уыцы пациентты нымæц у 935.
Афтæма, фæсарæнтæй хоскæнынмæ Гуырдзыстонмæ æрластой 41 æмбæстагы.
Коронавирусæй инфицирады аххосæй бæстæйы фæмард 17 пациент.
Карантины режимы сты 6 489 æмбæстаг, æрмæст стационары цæстдарды бын 337 у.