Гуырдзыстоны рабæрæг ис коронавирусæй инфицирады фараст ног цау, æмæ ноджы 13 пациент та снæниз ис
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 9 ног цау рабæрæг ис. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны хицауады специалонæй арызт веб-фарсыл stopcov.ge цъус рæстæг размæ ранæуæг ис.
Веб-фарсы информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ рабæрæг ис коронавирусæй инфицирады 1206 цау. Сæнæниз ис ноджы 13 пациент – æмтгæй райсгæйæ, чи сæнæниз ис, уыцы пациентты нымæц у 987.
Афтæма, фæсарæнтæй хоскæнынмæ Гуырдзыстонмæ æрластой 41 æмбæстагы.
Коронавирусæй инфицирады аххосæй бæстæйы фæмард 17 пациент. Карантины режимы сты 7071 æмбæстаг, æрмæст стационары цæстдарды бын сты 294 адæймаг.