Гуырдзыстоны рабæрæг ис коронавирусæй инфицирады дæс ног цау, ноджы цыппар пациент та снæниз сты
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады дæс ног цау рабæрæг ис.Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны хицауады специалонæй арызт веб-фарсыл stopcov.ge цъус рæстæг размæ ранæуæг ис.
Веб-фарсы информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ рабæрæг ис коронавирусæй инфицирады 1028 цау. Сæнæниз ис ноджы цыппар пациент – æмтгæй райсгæйæ, чи сæнæниз ис, уыцы пациентты нымæц у 899.
Афтæма, фæсарæнтæй хоскæнынмæ Гуырдзыстонмæ æрластой 41 æмбæстагы.
Коронавирусæй инфицирады аххосæй бæстæйы фæмард 15 пациент.
Карантины режимы сты 5627 æмбæстаг, æрмæст стационары цæстдарды бын – 228.