Гуырдзыстоны рабæрæг ис коронавирусæй инфицирады æртæ ног цау, ноджы 3 пациент та сæнæниз сты
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады æртæ ног цау рабæрæг ис. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны хицауады специалонæй арызт веб-фарсыл stopcov.ge цъус рæстæг размæ ранæуæг ис.
Веб-фарсы информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ рабæрæг ис коронавирусæй инфицирады 951 цау. Сæнæниз сты ноджы æртæ пациент – æмтгæй райсгæйæ, чи сæнæниз ис, уыдоны нымæц у 828.
Афтæма, фæсарæнтæй схос кæнынæн Гуырдзыстонмæ æрластой æртæ æмбæстагы.
Коронавирусæй инфицирады аххосæй, бæстæйы фæмард 15 пациент.
Карантины режимы сты 3828 æмбæстаг, æрмæст стационары цæстдарды бын – 192.