Гуырдзыстоны рабæрæг ис коронавирусæй инфицирады æртæ ног цау, æмæ ноджы 3 пациент та снæниз ис
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады æртæ ног цау рабæрæг ис. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны хицауады специалонæй арызт веб-фарсыл stopcov.ge цъус рæстæг размæ ранæуæг ис.
Веб-фарсы информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ рабæрæг ис коронавирусæй инфицирады 1182 цау. Сæнæниз ис ноджы æртæ пациент – æмтгæй райсгæйæ, чи сæнæниз ис, уыцы пациентты нымæц у 962.
Афтæма, фæсарæнтæй хоскæнынмæ Гуырдзыстонмæ æрластой 41 æмбæстагы.
Коронавирусæй инфицирады аххосæй бæстæйы фæмард 17 пациент.
Карантины режимы сты 7007 æмбæстаг, æрмæст стационары цæстдарды бын сты 280 адæймаг.