Гуырдзыстоны рабæрæг ис коронавирусæй инфицирады æртæ ног цау, 4 пациент та сæнæниз сты
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады æртæ ног цау рабæрæг ис. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны хицауады специалонæй арызт веб-фарсыл stopcov.ge цъус рæстæг размæ ранæуæг ис.
Веб-фарсы информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ рабæрæг ис коронавирусæй инфицирады 946 цау. Сæнæниз сты ноджы цыппар пациент – æмтгæй райсгæйæ, чи сæнæниз ис, уыдоны нымæц у 825.
Афтæма, фæсарæнтæй схос кæнынæн Гуырдзыстонмæ æрластой æртæ æмбæстагы.
Коронавирусæй инфицирады аххосæй, бæстæйы фæмард 15 пациент.
Карантины режимы сты 3310 æмбæстаг, æрмæст стационары цæстдарды бын – 203.