Гуырдзыстоны рабæрæг ис коронавирусæй инфицирады 8 ног цау, 23 пациент та сæнæниз сты
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады аст ног цау рабæрæг ис. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны хицауады специалонæй арызт веб-фарсыл stopcov.ge цъус рæстæг размæ ранæуæг ис.
Веб-фарсы информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ рабæрæг ис коронавирусæй инфицирады 939 цау. Сæнæниз сты ноджы 23 пациент – æмтгæй райсгæйæ, чи сæнæниз ис, уыдоны нымæц у 817.
Афтæма, фæсарæнтæй схос кæнынæн Гуырдзыстонмæ æрластой æртæ æмбæстагы.
Коронавирусæй инфицирады аххосæй, бæстæйы фæмард 15 пациент.
Карантины режимы сты 3080 æмбæстаг, æрмæст стационары цæстдарды бын – 242.