Гуырдзыстоны рабæрæг ис коронавирусæй инфицирады 6 ног цау, ноджы 8 пациент та снæниз ис
Гуырдзыстоны рабæрæг ис коронавирусæй инфицирады 6 ног цау, ноджы 8 пациент та снæниз ис

Гуырдзыстоны   коронавирусæй  инфицирады  æхсæз  ног цау  рабæрæг ис. Уый фæдыл  информаци  хъусын кæны  Гуырдзыстоны  низты контролы националон центр.

Центры  информацимæ гæсгæ,   Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ,  ацы рæстæгмæ рабæрæг ис  коронавирусæй инфицирады  1177  цау.  Сæнæниз ис  ноджы  аст  пациент – æмтгæй  райсгæйæ,   чи сæнæниз ис, уыцы  пациентты нымæц у  955.

Афтæма, фæсарæнтæй  хоскæнынмæ  Гуырдзыстонмæ  æрластой  41  æмбæстагы.

Коронавирусæй инфицирады  аххосæй бæстæйы   фæмард  17  пациент.

Карантины режимы  сты   6 969 æмбæстаг, æрмæст   стационары   цæстдарды  бын  285 у.