Гуырдзыстоны рабæрæг ис коронавирусæй инфицирады 25 ног цау, 10 пациент снæниз ис
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады дыууын фондз ног цау рабæрæг ис. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны хицауады специалонæй арызт веб-фарсыл stopcov.ge цъус рæстæг размæ ранæуæг ис.
Центры информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ рабæрæг ис коронавирусæй инфицирады 1250 цау. Сæнæниз ис ноджы 10 пациент – æмтгæй райсгæйæ, чи сæнæниз ис, уыцы пациентты нымæц у 1010.
Афтæма, фæсарæнтæй хоскæнынмæ Гуырдзыстонмæ æрластой 41 æмбæстагы.
Коронавирусæй инфицирады аххосæй бæстæйы фæмард 17 пациент. Карантины режимы сты 7068 æмбæстаг, æрмæст стационары цæстдарды бын 242 у.