Гуырдзыстоны рабæрæг ис коронавирусæй инфицирады 2 ног цау, ноджы 4 пациент та снæниз ис
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады дыууæ ног цау рабæрæг ис. Уый фæдыл информаци хъусын кæны Гуырдзыстоны низты контролы националон центр.
Центры информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ рабæрæг ис коронавирусæй инфицирады 1179 цау. Сæнæниз ис ноджы цыппар пациент – æмтгæй райсгæйæ, чи сæнæниз ис, уыцы пациентты нымæц у 959.
Афтæма, фæсарæнтæй хоскæнынмæ Гуырдзыстонмæ æрластой 41 æмбæстагы.
Коронавирусæй инфицирады аххосæй бæстæйы фæмард 17 пациент.
Карантины режимы сты 6 919 æмбæстаг, æрмæст стационары цæстдарды бын 251 у.