Гуырдзыстоны рабæрæг ис коронавирусæй инфицирады 15 ног цау, æмæ ноджы 12 пациент та снæниз ис
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 15 ног цау рабæрæг ис. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны хицауады специалонæй арызт веб-фарсыл stopcov.ge цъус рæстæг размæ ранæуæг ис.
Веб-фарсы информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ рабæрæг ис коронавирусæй инфицирады 1197 цау. Сæнæниз ис ноджы 12 пациент – æмтгæй райсгæйæ, чи сæнæниз ис, уыцы пациентты нымæц у 974.
Афтæма, фæсарæнтæй хоскæнынмæ Гуырдзыстонмæ æрластой 41 æмбæстагы.
Коронавирусæй инфицирады аххосæй бæстæйы фæмард 17 пациент.
Карантины режимы сты 7066 æмбæстаг, æрмæст стационары цæстдарды бын сты 294 адæймаг.