Гуырдзыстоны рабæрæг ис коронавирусæй инфицирады 14 ног цау, 44 пациент снæниз ис
Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 14 ног цау рабæрæг ис. Уый фæдыл информаци Гуырдзыстоны хицауады специалонæй арызт веб-фарсыл stopcov.ge цъус рæстæг размæ ранæуæг ис.
Центры информацимæ гæсгæ, Гуырдзыстоны, æмтгæй райсгæйæ, ацы рæстæгмæ рабæрæг ис коронавирусæй инфицирады 1264 цау. Сæнæниз ис ноджы 44 пациент – æмтгæй райсгæйæ, чи сæнæниз ис, уыцы пациентты нымæц у 1054.
Афтæма, фæсарæнтæй хоскæнынмæ Гуырдзыстонмæ æрластой 41 æмбæстагы.
Коронавирусæй инфицирады аххосæй бæстæйы фæмард 17 пациент. Карантины режимы сты 6930 æмбæстаг, æрмæст стационары цæстдарды бын сты 263 .