Гуырдзыстоны рабæрæг ис коронавирусæй фæрынчыны 4 ног цау, 6 пациент та сæнæниз сты
Гуырдзыстоны рабæрæг ис коронавирусæй фæрынчыны цыппар ног цау. Уый фæдыл информаци хицауады специалон веб-фарсыл stopcov.ge-ыл цъус рæстæг размæ ранæуæг ис.
Веб-фарсы информацийæ, ацы рæстæгмæ Гуырдзыстоны коронавирусæй инфицирады 800 цау у бæрæг. Афтæма, сæнæниз сты ноджы æхсæз пациент æмæ чи сдзæбæх ис, уыдоны æмтгæйон нымæц у 640.
Афтæма, фæсарæнтæй схос кæнынæн Гуырдзыстонмæ æрластой æртæ æмбæстагы.
Коронавирусæй фæрынчыны аххосæй, бæстæйы фæмард 13 пациент.
Карантины режимы сты 2424 æмбæстаг, æрмæст стационары цæстдарды бын – 304.