Гуырдзыстоны президенты администраци – Франк-Вальтер Штайнмайеры  ныфс равдыста, цæмæй Гуырдзыстоны проевпаг  тыхтæ  фæуæлахиз уыдзысты
Гуырдзыстоны президенты администраци – Франк-Вальтер Штайнмайеры ныфс равдыста, цæмæй Гуырдзыстоны проевпаг тыхтæ фæуæлахиз уыдзысты

Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили   Германийы  Федерацион Республикæйы  президент, Франк-Вальтер Штайнмайеримæ  фембæлдис.  Информаци уый  фæдыл хъусын кæны  Гуырдзыстоны  президенты  администраци.

«Берлины фембæлды рæстæджы Гуырдзыстоны  президент Германийы Федерацион Республикæйы  президентимæ феныхас  кодта  бæстæйы сырæзт  разæвзарæнон  уавæрыл, кæцы инспирацигонд у  Уæрæсейæ, афтæма  гуырдзиаг диаспорæйыл, кæцыйæн  аразгæ  барьертæ æвæрынц  æвзæрстыты хайад райсынæн.

Президент ма  афтæдæр фæныхас кодта  бæстæйы  арзайæг æнæхицауадон организацитæн проблемæтæ саразыны фарстайыл, кæцыйы  йæ  хъуыдыйы  дары   уыдонæн  цæстдарæгон мисситы  сыххæсты  фæкылымпы  кæнын.

Гуырдзыстоны президент Германийы  прездиентæн ноджы иу  хатт сбæлвырд кодта Гуырдзыстоны цæрджыты  хъæддых  фæнд æмæ райхъусын кодта, цæмæй Гуырдзыстоны цæрджытæ  æххæстæй  проевропаг сты  æмæ гуырдзиаг адæмы   æддагон ориентаци  уыдис, ныр дæр у  æмæ фидæны дæр уыдзæн Европаг.

Йæхи æрдгæй Германийы президент  банысан кодта, цæмæй райы  Гуырдзыстоны  президенты инициативæйæ  «Гуырдзиаг хартийæ» æмæ ныфс равдыста, цæмæй Гуырдзыстоны  проевропаг   тыхтæ фæуæлахиз уыдзысты. Штайнмайер  æххæст  фарсдарын сфиксир кодта  гуырдзиаг адæмæн æмæ сæ тохæн  европаг  фидæны тыххæй», – банысангонд у президенты  администрацийы  информацийы.