Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили украинаг адæмæн арфæ кæны хæдбардзинады бон
Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили украинаг адæмæн арфæ кæны хæдбардзинады бон

Фæнды мæ, цæмæй размæ цæуат уæ нысанмæ, кæцы афтæдæр у нæ иумæйаг нысан – уæ бæстæ оккупацийæ ссæрибар кæнын, уæ бæстæйы сабырад, æххæст суверенитет æмæ территориалон æнæхъæндзинад сног кæнын? – уый фæдыл дзырдæуы Гуырдзыстоны президенты видеоæрвыстæй , кæцыйы уый украинаг адæмæн арфæ кæны Хæдбардзинады боны цытæн.

«Зынаргъ украинаг хæлæрттæ, æнæхъæн зæрдæйæ æмæ гуырдзиаг адæмы номæй мæ фæнды раарфæ кæнын уын Хæдбардзинады бон! Фæнды мæ уын ракæнон размæцыд уæ нысанмæ, кæцы афтæдæр нæ иумæйаг нысан у – уæ бæстæйы оккупацийæ ссæрибар кæнын, сабырад сног кæнын, уæ бæстæйы æххæст суверенитет æмæ территориалон æнæхъæндзинад. Ай у мæ бæллиц уæ бæстæйæн, ай у мæ бæллиц мæ бæстæйæн æмæ ай у мæ бæллиц дыууæ бæстæйы европæйаг фидæнæн!» – расидтис Саломэ Зурабишвили видеоныхасы.

Абон Украинæ хæдбардзинады бон бæрæг кæны.