Гуырдзыстоны президент райдыдта йæ кусæн визит Брюссельмæ. Президенты администрацийы пресс-куысты куыд хъусын кæнынц, афтæмæй, Брюсселы æркæсинаг фарстыты æхсæн уыдзæн европаг æмæ евроатлантикон интеграци, Гуырдзыстоны цæугæ реформæтæ æмæ перспективæтæ, æнæвизæ змæлдмæ гæсгæ зындзинæдтæ, евроцæдисимæ секторон æмкуысткæнынады тематикæ.
Сæ информацийæ президент плангонд фембæлдтыдл йæ хъусдард раздахдзæн æдадсзинады фарстыты æрдæм, оккупацигнонд территоритыл сырæзт уавæры, Уæрæсейы агрессивон политикæйы æмæ Европаг партнертæн бадæтдзæн информацийы оккупацигонд Цхинвалы Гуырдызстоны æмбæстагы Арчил Татунашвилийы скъæфты æмæ трагикон мæлæты тыххæй.
Визиты фыццаг бон Гиорги Маргвелашвили Европæйы советы президент Дональд Тускимæ фембæлдзæн, цæй фæстæ дæр медийы минæвæрттæн иумæйаг фиуæнтæ цæуынц.
Уыйимæ, Гуырдзыстоны президент фембæлд сараздзæн еврокамисы президент Жан-Кълод юнкеримæ. Афтæдæр сырæздзæн еврокамисартимæ. Гуырдзыстоны Фыццаг уæнг Евроцæдисы, организацийы уæнг бæстæты минæвæрттимæ кусæн сихор сараздзæн.
Евроинтеграцийы процессы æмæ визалиберализациимæ баст фарстыты æркаст визиты дыккаг бон нырид Европæйы цæдисы иуыл бæрзонд минæваримæ фæсарæн хъуыддæгты æмæ æдадсзинады политикæйы фарстыты Федерика Моггериниимæ адарддæр уыдзæн.
Гуырдзыстоны президент НАТО-йы штаб-хæдзары фембæлд сараздзæн цæгат-атлантикон альянсы генералон нымæрдар Йенс Столтенбергимæ. Гиорги Маргвелашвилийы æмæ Йенс Столтенбергы фембæлды фæстæ иумæйаг пресс-конференци сырæздзæн.
Гуырдзыстоны президенты администрацийы прессзкуысты хъусинагæй, Гиорги Маргвелашвили дзырдæй ралæудзæн Брюсселы форумыл. Гуырдзыстоны президжент делегациимæ иумæ ныццæудзæн Лувены католикон университетмæ.