Абон Гуырдзыстоны президент ныххатыр кодта 12 тæрхонгондæн, кæцытæй 9 тæрхонгонд æххæстæй ссæрибар сты ахæстоны фæбадыны хуызы снысангонд æфхæрд æххæст кæнынæй.
Уый фæдыл информаци парахат кæны президенты администраци.
Сæ хъусынгæнинæгтæм гæсгæ, дыууæ тæрхонгондæн, кæцытæ хъуамæ æххæстгонд æрцæуой, уыдонæн фæцыбыргонд æрцыд баззайæг тæрхон. Уымæй дарддæр ма амнистийы акт бандæвта уæлæмхасæн æфхæрдæй æххæстæй ссæрибаргонд иу адæймагыл дæр.