Гуырдзыстоны  президент этникон  азербайджайнæгтæн  Новруз Байрамы  бæрæгбон раарфæ кодта  - Æз уемæ  уырыссагау нæ  ныхас кæндзынæн, уымæн æмæ ацы æвзаг нæ иу кæны
Гуырдзыстоны президент этникон азербайджайнæгтæн Новруз Байрамы бæрæгбон раарфæ кодта - Æз уемæ уырыссагау нæ ныхас кæндзынæн, уымæн æмæ ацы æвзаг нæ иу кæны

Гуырдзыстоны  президент  Саломэ Зурабишвили Гардабаны, Квемо Картлийы  бынæттон хицауадимæ иумæ,   этникон  азербайджайнæгтæн  Новруз Байрамы  бæрæгбон раарфæ кодта  æмæ бæрæгбонон амалы райста хайад.

Гуырдзыстоны  президент дзырдæй басидтис  бæрæгбон  снысан кæнынмæ  Гардабаны  муниципалитеты  центры  æрымбырдуæвæг  бынæттон цæрджытæм æмæ  райхъуцсын кодта,    цæмæй зæгъгæ нысаниуæгджын у, бæстæйы  ногдзинады  æрбахизынимæ иумæ,  зæронд традицитæ куы дарддæр  кæнынц кæцытæ  мах  алкæй  æнцой сты.

«Æ зам  уазæгуат нæ дæн,  æз дæн  фысым, афтæ куыд  кæцыфæнды ран  Гуырдзыстоны, æз дæн мæ хæдзары æмæ тынг амондджын дæн уымæй, цæмæй  мæ хæдзары дæн сымахимæ иумæ.   Мæ бон у  сымахимæ иумæ сбæрæгбон кæнын  ацы  нысаниуæгджын  бæрæгбон. Фæнды  мæ раарфæ уын кæнон.  Тынг хъал дæн уымæй  цæмæй  дарддæр кæнут традицитæ . Æнæ  уыдон, иунæг адæймаг æмæ иумæг дзыллæ дæр нæ райрæзынц.  Бацауæрдæм  традицитыл æмæ  сæ дарддæр кæнæм. Уый  æцæгæй дæр у нæ идентондзинады  иуæй-иу сегасæй  фидар  хай.  Афтæдæр нæ идентондзинады  сæйраг хæзна у  толерантондзинад.  Уымæй   рацыд Гуырдзыстон  азты, æмæ æнусты дæргъы.   Ацы хæзна  абон лæмæгъ кæны  æппæт дунейы æмæ махмæ дæр.  Хатти у  не мбарæм  ацы  хæзнайы  нысаниуæг кæронмæ.  Фæлæ  æнæ  уый  цæрæн нæй, нæ дæр паддзахад  сараздзыстæм, нæ дæр размæ  рацæудзыстæм æмæ  нæ райтынг уыдзыстæм. Тынг  сæрыстыр дæн  æмæ иу  уый  фæзæгъын  æппæт дунейы, цæмæй  Гуырдзыстон у бынат  цы  ран алкæмæн йæ бон  у  цæрын; цы ран  æндæр æмæ æндæр равзæрды,  æндæр æмæ æндæр  дины адæм  иумæ  афтæ цæрынц, æмæ се хсæн  нæй  æнæ æрмæст конфликт фæлæ  ма  æппын ницы   æнæразыдзинад» –  райхъусын кодта Саломэ Зурабишвили.

Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ , зæгъгæ алчи хъуамæ  фена, цæмæй  кæцыфæнды партийæн, цыфæнды религиййæн, цыфæнды этникон  мыггагæй ма уа,  æрмæст йæм иу фидæн æнхъæлмæ кæсы,  уый иу  иумæйаг фидæн.

«Ацы иумæйаг фидæн æнцойæвæрд у  ууыл, цæмæй  нæ æвзаг иу кæна.  Тынг иу тыхсын  ам сымахимæ  афтæ куы нæ  аныхас кæнын,  мæн  куыд фæнды.  Тынг мæ  фæнды  уа нын  фылдæр æмахаст. Æз  сымахимæ  уырыссаг æвзагыл  нæ  ныхас кæндзынæн –  уый гæнæн нæй,   уымæн æмæ ацы æвзаг  нæу  ахæм кæцы нæ  ссиу кæндзæн.   Мæ бон у азербайджайнагау  цалдæр ныхас  сахуыр кæнын  æмæ  уын зæгъын  «Новруз Байрам изинмубарак»  æмæ  уымæй  фылдæр дæр сахуыр кæндзынæн, фæлæ  уæ  фæсивæды фидæн æмæ нæ иумæйаг  фидæн  уæддæр ууыл баст у, цæмæй мах иу æвзагыл ныхас кæнæм.  Ацы рæстæджы  сымах дарддæр кæнат  уæ традицитæ,  бахъахъхъæнат уæ мадæлон æвзаг, уæ  зарджытæ, уæ кафтытæ,   уый æппæт у  Гуырдзыстонæн ахæм хæзна, кæцыйы æрдæм æндæр бæстæтæн  чысыл зæрдæхсайындзинад ис, уымæн æмæ  уыдон не сты  афтæ  иумæ цæрынхъом  мах  куыд  кæнæм.Афтæмæй  ацы  æмцард адарддæр кæнæм  æмæ  фидæнмæ уæм  дæнцон бæстæ,  кæцы  дунейы дисы бафтаудзæн» – банысан кодта Гуырдзыстоны президент.