Гуырдзыстоны президент, Саломэ Зурабишвили йæ къух бафыста конституцион ивддзинæдтыл.
Саломэ Зурабишвили куыд банысан кодта уымæ гæсгæ, зæгъгæ абон историкъон бон у.
«Мæ къух бафыстон конституцион ивддзинæдты, кæцы абон у нæ бæстæйы ног къахдзæф Гуырдзыстоны демократийы æрдæм фæндагыл. Уый тыххæй мæ фæнды зæрдиагæй раарфæ кæнын парламентæн, алы уыцы уæнгæн, кæцы сразы ис ацы ивддзинадимæ æмæ афтæдæр алы уæнгæн, чидæриддæр не сразы ис, фæлæ уырнæг дæн, реалонæй алчи разы сты. Уый махæн у, демократийы, прогрессы, стабилондзинады æрдæм арызт тынг егъау къахдзæф æмæ серьозон къахдзæф уыцы æвзæрстыты æрдæм, æвзæрстыты боны æрдæм, кæцы уыдзæн октябры» – райхъусын кодта Саломэ Зурабишвили.
117 хъæлæсæй парламент æвзарæнон системæ ивды нысанæн бакуыст конституцион ивддзинæдтæ, сфидар кодта фыццаг хъусынæй. Ивддзинæдтимæ не сразы сты æртæ депутаты. Ныхмæ схъæлæс кодтой – Бидзина Гегидзе, Каха Окриашвили æмæ Александре Эркваниа.
Халæппæрсты хайад нæ райстой «Националон Змæлд» æмæ «Европаг Гуырдзыстон».
Конституцион проектмæ гæсгæ, 2020 азы парламентон æвзæрстытæ ацæудзысты æмхæццæ системæйæ – парламентмæ сывзардзысты 120 уæнг пропорцион æмæ 30 уæнгы та мажоритарон æвзарæнон системæйæ.