Гуырдзыстоны президент 40-онг законыл йæ къух æрфыста
Йæ ныхасмæ гæсгæ, се æхсæн ис авторон барты хъахъæд, бинонты æхсæн тыхми, иунæг ныйарæгы фæдыл законмæ хаст ивæндзинæдтæ.
«Ацы законты стыр хай у здæхт , цæмæй Гуырдызстоны æмбæстæгты бартæ уой хъахъæд. Æз рахицæн кодтаин ивæндзинæдтæ, кæцытæ лæггад кæнынц авторон барты хъахъæды стратегийы фæбæрзондæн æмæ цæмæй хицауадон уагдæттæ ноджы координиргондæй æмæ эффектонæй кусой бинонты æхсæн тыхмийы бахъахъæдæн» -банысан кодта Гуырдызстоны президент.
Афтæ дæр президент й къух æрфыста «Националон банкъы фæдыл» законыл дæр. Ацы ивæндзинæдтæм гæсгæ фестыр уыдзæн хæдбар институты националон банкъы контролон функци финансон секторыл – расидтис Гиоргий Маргвелашвилийы парламентон нымæрдар.