Гуырдзыстоны премьер-министры  пресс-куысты,  мæнгæй  хонынц  информацийы, цæвиттон  Мюнхены, Гиорги Гахариаимæ Сергей лавров фембæлдзæн
Гуырдзыстоны премьер-министры пресс-куысты, мæнгæй хонынц информацийы, цæвиттон Мюнхены, Гиорги Гахариаимæ Сергей лавров фембæлдзæн

Гуырдзыстоны  премьер-министры  пресс-куыст  мæнгæй  хоны  ахæлиугонд информаци, цæвиттон   премьер-министр Гиорги Гахариа  Мюнхены  фембæлдзæн Сергей Лавровимæ.

«Националон Змæлды»  уæнг, Хатиа Деканоидзе  абон райхъусын кодта, цæмæй  зæгъгæ  Мюнхены   æдасдзинады  конференцийыл,  кæцымæ ныццыд Гиорги Гахариа,  ис  Сергей Лавров дæр.  Афтæдæр   йæ  ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ  иппæрд нæу  цæмæй  кæд Сергей Лавров  Европæйы Советы  министериалыл  Тбилисмæ æрцæудзæн,   уæд Гахариайæ райса æдасдзинады гарантитæ.  «Лавров домы  æдасдзинады гарантитæ   Гуырдзыстонмæ æрцæуынæн  æмæ  нæ  ацух кæндзынæн уый, цæмæй  ацы  гарантитæ  йын ратта Гиорги Гахариа» –  банысан кодта Деканоидзе.

Гуырдзыстоны Фыццаг Каналæн премьер-министры  пресс-куысты  куыд фехъусын кодтой  афтæмæй,   Гиорги Гахариа   Мюнхены  æдасдзинады  конференцимæ  араст ис,  фæлæ  Уæрæсейы  фæсарæн хъуыддæгты  министр Сергей  лавровимæ  фембæлд пълангонд нæу.