Гуырдзыстоны премьер-министр ОБСЕ-йы генералон нымæрдаримæ фембæлд
Гуырдзыстоны премьер-министр ОБСЕ-йы генералон нымæрдаримæ фембæлд

Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе ОБСЕ-йы генералон нымæрдар Феридун Синирлиоглуимæ фембæлд.

Премьер-министры пресс-куыстуаты информацимæ гæсгæ, фембæлдыл ныхас цыд Гуырдзыстон æмæ ОБСЕ-йы æхсæн æнтыстджын æмкуыстдзинадыл.

Афтæ дæр хъусдард аздæхтой бæстæйы уæвæг политикон уавæрмæ æмæ æввахсдæр бынæттон æвзæрстытæм.

«Мах бавнæлдтам алы темæмæ дæр, уæлдайдæр та, кæй зæгъын æй хъæуы, ОБСЕ-йæн цы цымыдисон у, бавнæлдтам бынæттон æвзæрстытæм æмæ базонгæ кодтам бынæттон æвзæрстыты организациимæ баст иумæйаг уавæримæ. Афтæ дæр æрдзырдтам бæстæйы цæугæ процесстыл æндæр æмæ æндæр здæхтыты, регионы процесстыл,  дывæрсыг æмкуыстдзинады фарстатæ», — банысан кодта Къобахидзе.