Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзе фембæлд НАТО-йы  генералон нымæрдар Йенс Столтенбергимæ
Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзе фембæлд НАТО-йы генералон нымæрдар Йенс Столтенбергимæ

Гуырдзыстоны премьер-министр Мамука Бахтадзе, йæ кусæн визит Брюссельмæ райдыдта,   НАТО-йы  генералон нымæрдар Йенс Столтенбергимæ фембæлдæй.

Гуырдзыстоны хицауады  администрацийы  пресс-куысты   информацийæ,   фæрстæ  æркастысты     Гуырдзыстоны  НАТО-мæ интеграцийы  процессы алы  ахсджиаг фарстатæ,  сæ нымæцы   Брюсселы  ивгъуыд  куырийы  ацæугæ   НАТО-йы  саммиты  фæстиуджытæ  æмæ  райст уынаффæты  реализацийы  фæндæгтæ.

Мамука Бахтадзе  æмæ Йенс Столтенберг   æруынаффæ кодтой  æмгуыстады ног сферæтыл,  кæцытæ   сплан кодтой  Брюсселы  саммиты  фæлгæтты.   Хаххгондæй  банысан ис,   цæмæй НАТО-Гуырдызстоны  Архайадон пакет, афтæдæр куыд   æмгуыстады  ног ардæмадтæ,   банъкаринагæй  фæтыхджындæр   кæнцыдзысты  Гуырдзыстоны   хæдиргъæфхъомад,  æмæ уыйимæ иумæ ма йæ  баввахс  кæндзыты  НАТО-йы  уæнгдзинадмæ.

Фембæлдыл банысан ис, ома  йæ  фыццаг кусæн визит Мамука Бахтадзе  Брюссельмæ  кæй сæххæст кодта, уый  у  Гуырдзыстоны,  европæйаг  æмæ  евро-атлантикон структурæты  æрдæм  курсы  æнæфехдахгæдзинады æмæ æнæфенкъуысгæдзинады  ноджы и у бæлвырдгæнæн.

Мамука Бахтадзе  дырысæй  сфиксир кодта  Гуырдызстоны хицауады цæттæдзинад  адарддæр кæна  æппæтылæххæссæг  реформæтæ  æмæ   политикъон диалог альянсимæ,  цæмæй   куыд  гæнæн ис  афтæ  батагъддæр кæна  бæстæйы  НАТО-йы   уæнгсуæвын.

Гуырдзыстоны хицауады администраци куыд  хъусын кæны  афтæмæй,   НАТО-йы генералон нымæрдар йæхиæрдгæй,   радон хатт  бахахх кодта   альянсы  æрдгæй   Гуырдзыстоны суверенитет æмæ территорион æнæхъæнзинадæн фарсхæцын æнæивгæ кæй  у уый.  Йенс Столтенберг  афтæдæр бузныг загъта  Гуырдзыстоны премьер-министрæн,  евро-атлантикон   æдасдзинады,  сæрмагондæй  та, Афгъанистаны  цæугæ  НАТО-йы   операцийы  Гуырдзыстоны  хайбавæрды  тыххæй.

Брюсселы  НАТО-йы  штаб-хæдзары  фембæлды  фæстæ, Мамука Бахтадзе æмæ Йенс Столтенберг,  медийæн   иумæйаг фидиуæнтæ  сарызтой.