Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Квирикашвилийы сæрмагонд фидиуæн - [видео]

Гуырдзыстоны  премьер-министр Гиорги Квирикашвили  хицауады  администрацийы   сæрмагонд  фидиуæн  сарызта.

«Нæ  хицауад у адæмы  æвзæрст хицауад. Кæддæриддæр лæууыдтæн æмæ   лæууын мæ  адæмы фарсмæ.  Мæхи  мæ адæмимæ коммуникацийæ никуы аиуырдæм   кодтон  æмæ  растдæр  уый тыххæй  ахицæн кодтон  акцийы  хайадисджытæм  æрбацæуын,  фыццаджы дæр, мард  æвзонг  лæгы  фыдмæ  æмæ  æндæр фæмардуæвджыты ныййарджытæм.  Ац ы къахдзæф сарызтон æнæкæсгæ  уымæ æмæ уыдыфсты æнхъæлмæкæсинаг   провокацитæ.  Алчидæр ауыдта, цæмæй   ме æрбацыд  уым лæууæг  адæймæгты  абсолютон фылдæры  хай позитивонæй  райста.  Æрмæст политиконæй  ангажиргонд  адæймæгты  чысыл къорд  мын  нал ратта  фадат  мæ фидиуæн саразын, кæцыйæ  дæр  хъуамæ загътаин:

Сом  сæумæрайсомæй, мидхъуыддæгты министрадмæ æрыздæхдзæн   хъуыддаг прокуратурæйæ  фæдæвзарæн ног ауадзынæн  æмæ  фæдæвзарæн процессæн ъкухдариуæг кæндзæн,   вице-премьер Гирги Гахариа. Цæй зæгъын æй хъæуы  æз  алы  къахдзæфы  æмæ   æнæхъæнæй  процессы  скантрол кæндзынæн.

Дыккаг цæй зæгъын мæ фæнды у уый æмæ  абон   парламент   рахаста уынаффæ   фæдæвзарæг  камисы  саразыны тыххæй.  Цыбырдæр æмгъуыдты, уæлрадон рабадтыл  æрымбырд уыдзæн парламент, сбæлвырд кæндзæн камисы рабадт,  кæцыйы сконды, æз куыд зонын афтæмæй фылдæры хайæ  бавдыст уыдзæн   парламентон каддæртæ.  Камис  кусын райдайдзæн  афтæ  тагъд,   техниконæй  цæй  гæнæн  дæр уыдзæн.

Æртыккаг фарст  æххæссы  сæйраг  прокуррормæ.   Мæнмæ гæсгæ  Ираклий Шотадзе цæсгомджын скуыддзаг райста  æмæ иу уысмæй дæр гуырысхойаг не скодта   прокуратурæйы  репутаци.  Уый тыххæй,   мах хъуамæ райдайæм   ног  сæйраг прокурроры   равзарæн процесс.  Æз  раттон барамынд   юстицийы  министрæн,  цæмæй  максималон бастдзинадæй  куыд  гæнæн ис афтæ  уæрæх дзыллæйы   легитимацийæ сывзара   ног сæйраг прокуррор,  процессы  хъуамæ баст уа   парламенты алы  фракци,  æмбæстагон дзыллæ, æнæхицауадон сектор,  нæ дзыллæ  æнæхъæнæй, цæмæй  иу мур    дæр   с  зæрдæ  мауал бахсайа   прокурроры  сæрмагонд   репутаци  æмæ  професионализммæ.  Ацы процесс   фæуыдзæн  закъонæй  бæрæг  æмгъуыдты  максималонæй  эффективонæй  спайдайæ  æмæ цæй зæгъын æй хъæуы,  ацы къахдзæфæй  нæ  дзыллæй  æркуырдтæн ратдзыстæм дзуапп.

Афтæдæр мæ фæнды  гаранти раттын  фæмардуæвæг сывæллæтты  ныйарджытæн,  бинонты уæнгтæн, цæмæй   фæдæвзарæны   цыфæнды жтапыл, æрвылбойнонæй,    сæ æркуырдмæ æмбæлгæйæ исой  информаци æмæ баст уой  процессы,  кыд мидхъуыддæгты  министрады   уагъд  фæдæвзарæны,   афтæдæр фæдæвзарæг камисы  куысты  æмæ  ацы коммуникаци уыдзæн максималон.

Мæхæдæг  скантрол кæндзынæн  абсолютонæй алы къахдзæф,  æмæ  мæхимæ исын бæрн,  цæмæй  техниконæй  куыд  гæнæн  уыдзæн  афтæ  цыбыр рæстæджы,  æмæ  райсомæй  мын уыдзæн ныхас   цæмæй  цы периоды  ис гæнæн  уый саразын,  мах   бавдисдзыстæм фæстиуæг.  Ай уыдзæн дзуапп    нæ дзыллæйы фарстатæн  мæ  ацы сидтыл,  фтæдæр –политикон  бæрн  не  рдыгæй.

Афтæдæр мæ фæнды  фæстагмæ  зæгъын, цæмæй  Мæ пост  мын иунæг адæймаджы   æнмаондзинады аргъ нæу. Куыддæр мæ бауырндзæн,  цæмæй  мæ куыстуæгъд   бæстæйæн пайдаджын  уыдзæн,   зæгъæм цъус уæддæр фæхуыздæр кæндзæн    æмæ   æрнымæг кæндзæн уавæр,  афтæмæй æз ацы къахдзæф   сараздзынæн,  иу  уысм дæр нæ афæстиат кæндзынæн.  Абон  ацы  ситуаци  нæу  æмæ ацы момент не æрлæууыд.  Ноджы иу хатт дзуарын,  ммæнæн  сæйраг у, нæ дзыллæйы  фарстытæн  цыбырдæр æмгъуыдты раттæм дзуапп  æмæ  бæстæйы  бахъахъъхæнæм  стабилондзинад»  -банысан кодта  Квирикашвили.