Гуырдзыстоны премьер-министр фембæлд Сомихы хихъахъхъæнады министримæ
Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе фембæлд Сомихы хихъахъæнады министр Сурен Папикянимæ.
Премьер-министры пресс-службæйы информацийæ, фембæлды ныхас цыд дыууæ бæстæйы æхсæн уæвæг бирæфарсон æмгуыстад æмæ дыууæфарсон ахастыты рæзгæ динамикæйыл.
«Хъахъхъæнынады фадыджы дывæрсыг, регионалон æмæ æппæтдунеон æмкуыстдзинады фарстатыл уыд ныхас. Банысан ис, цæмæй Гуырдзыстон æмæ Сомихыстоны æхсæн хихъахъхъæнынады сферайы партнердзинад дывæрсыг æмкуыстдзинады планы фæлгæтты æнтыстджынæй рæзы.
Ныхас баххæссыд регионы ахсджиаг ролыл дунеон процессты. Премьер ноджы иу хатт сбæлвырд кодта Гуырдзыстоны цæттæдзинад регионы стабилондзинад æмæ сабырады фæтыхджындæр кæнынæн йæ хайбавæрд бахæссын» -ис фыст премьер-министры пресс-куысты.