Гуырдзыстоны Польшæйы минæварад бæстæйы хæдбардзинад сног кæныны бон згъордæй снысан кодта
Гуырдзыстоны Польшæйы республикæйы минæварад згъорæй снысан кодта бæстæйы хæдбардзинад сног кæныны 106 азы юбилей.
Лисы цады территорийыл организгонд егъау ерысты хайадисджыты номарæн майдантæй æмæ польшæйаг символикæй конд ронтæй схорзæхджын кодтой.
Згъорд нæ уыд официалон ерысты хуыз. Архайдтой дзы Гуырдзыстоны цæрæг поляктæ, гуырдзиæгтæ æмæ æндæр бæстæты æмбæстæгтæ.
Уазджыты æхсæн Гуырдзыстоны Евроцæдисы минæвар Павел Херчински дæр уыд, кæцы поляк у.
«Абон нысан кæнæм Польшæйы хæдбардзинады бон. Польшæйы минæварад Гуырдзыстоны æрбахуыдта къорд адæймаджы, се æхсæн дипломатон минæвæртты минæвæрттæ дæр. Организацигонд æрцыд згъорд, кæцыйы æз хайад нæ истон, фæлæ уый у рæсугъд бон рацу-бацу кæнынæн, æмæ æхсызгонæй баиу дæн мадзалмæ», – расидтис Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналæн Павел Херчинский.