Гуырдзыстоны Патриархы фидиуæн хицауадмæ
Гуырдзыстоны Каталикос Патриарх Илиа Дыккаг Чичхитурийы æмæ Удабнойы моладзандоны фæдыл премьер-министр Гиоргий Гахария æттаг хъуыдтæгты минстр Давид Залкалиани æмæ мидхъуыдтæгты министр Вахтанг Гомелауримæ сиды.
Патриархы фыстæгы ис фыст, цæмæй Гуырдызстон æмæ Азербайджаны æхсæн уæвæг бадзырдæй, ацы хайы арæныл хизы 1936-1938 азты арæзт арæныл æмæ цæмæй мидхъуыдтæгты адæмон комисариаты уыцы периоды уæвæг картæйæ, Удабно æмæ Чичхитуры моладзандонтæ Гуырдызстоны территорийыл фиксиргонд хъауджыдзинæдтимæ Бертубнийы моладзандоны, кæцы Гареджийы хай у, фæлæ Азербайджаны фарсыл ис.
«1991 азы 21 апрелы Гуырдзыстоны хицауады №315 бадзырдæй Давид Гареджийы моладзондоны комплексы территорийыл уæвæг полигоны тыгъдад æндæр заххимæ иумæ уыд лæвæрд сæрмæмулкъы Гуырдызстоны Патриархимæ. Ацы сæрмæмулкъ сбæлвырд 2002 азы 14-æм октябры гуырдызстоны хицауад æмæ Гуырдзыстоны аргъуаны æхсæн къухфыст конституцион бадзырдæй. Махæн æнæмбаргæ у азербайджайнаг фарсы уыцы архайдтытæ, кæцытæ «Удабнойы» æмæ «Чичхитурийы» моладзандонтæ 2019-æм азы уыдысты ист æмæ фæтобæ кодтой уырнонты æмæ туристты змæлд бынатмæ.
Хъуыды кæнæм, гуырдзийаг нацийы æрдхорд азербайджанаг адæм æмæ хицауад раст аргъ раддзæн уавæрæн. Райсдзысты рæстадон æскъуыддзаг æмæ нæ нациты æхсæн æрдхордон æмахастытæн алтернативæ нæ уыдзæн», -ис фыст Патриархы фыстæджы.