Гуырдзыстоны  парламенты  уалдзæгон  сесси абон байгом уыдзæн
Гуырдзыстоны парламенты уалдзæгон сесси абон байгом уыдзæн

Гуырдзыстоны  парламенты  уалдзæгон  сесси абон байгом уыдзæн.  Уалдзæгон сессийы   байгом  пленарон  рабадтæй   райдайдзæн.  Йæхи æрдгæй пленарон рабадт  политикон дебаттæй   байгом уыдзæн.

Уалдзæгон сессийы  фæлгæтты, иуæй–иу  фыццаг  уынаффæйы  уыдзæн ЦÆК-ы  сæрдары фæдыл. ЦÆК-ы  сæрдары  бынатмæ сывзардзысты   архайæг сæрдар Гиорги Каландаришвили æмæ кандидат  Тенгиз Тевзадзейы  æхсæн.

Кадрон  скуыддзæгтæй  дарддæр, уалдзæгон сессийы, закондæттæг орган тыхыбын бауыдзæн   паддзахадон   уагдæтты  хыгъдлæвæрдтæм хъусын, сæ нымæцы   уагдонмæ хъуамæ бавдыстæуа   паддзахадон æдасдзинады  куысты,  адæмон хъахъхъæнæгы, националон  банкы  æмæ паддзахадон    аудиты куысты  афæдзон хыгъдлæвæрдтæ.  Афтæма парламенты  раз хыгъдлæвæрдимæ ралæудзæн премьер-министр.

Закъондæттæг орган,  уынаффæтæ рахæсдзæн   конституцион  ивддзинæдты фæдыл дæр.  Ацы рæстæгмæ  конститацион проект  фыццаг кастæй   у ист, кæцымæ  гæсгæйæ,   æфвзарæнон барьер  фондзæй  – дыууæ проценты онг фæкъаддæр уыдзæн  æмæ  æвзæрстыты  æххæстæй  пропорцион системæйæ  ацæудзысты.  Дыккаг кастæй  план кæны  конституцион  ивдтыты  корекци скæнын, фæлæ проект  фæстаг  цы  хуызæй уыдзæн, уый  баст у  политикон фарсыты æхсæн консультациты фæстиуджытыл.

Регламентмæ  гæсгæйæ,   уалдзæгон  сесси  июны фæстаг майрæмбон æрыхгæндзысты.