Гуырдзыстоны парламенты бæстыхайы бацæуæнтæ блокиргонд сты.
Акцийы хайадисджытæ парламенты æртæ дæр бацæуæн знон æрыхгæдтой. Айтыдтой халагъудтæ дæр. Оппозицийы лидертæ куыд райхъусын кодтой афтæмæй, абон иунæг депутатмæ дæр не рцæудзæн лæвæрд бæстыхаймæ бацыды фадат.
Афтæма абон парламенты нысангонд уыд бюройы рабадт æмæ парламенты регионон политикъæйы æмæ хæдуынаффæйы комитетты рабадт.
Акцийы хайадисджытæ депутатты бæстыхаймæ нæ уадзынц. Закъондæттæг органмæ бацыд депутат Реваз Арвеладзе, фæлæ йæ территорийæ æхситгæнгæйæ æмæ цагайраг зæгъгæ хъæргæнгæйæ ратардтой. Акцийы хайадисджытæ парламенты бацыды фадат нæдæр депутат Мераб Квараиайæн раттой. Реваз Арвеладзейау, уыйы дæр демонстранттæ цагъайрагæй схуыдтой. Парламенты алфамбылай территорийыл лæууынц барадхъахъæнджытæ. Растдæр сæ æххуысæй ныууагъдта Мераб Квараиа территори. Закъондæттæг органмæ афтæдæр нæ бауагъдтой депутат Гиа Жоржолианийы.
Афтæма, «Гуырдзиаг Бæллиццы» офисы партийы минæвæрттæ æмæ фылдæрты уæнгтæ æмбырд кæнынц.





