Гуырдзыстоны парламенты адæмон барты хъахъхъæнæгы 2023 азы хыгъдлæвæрдмæ хъуыстой
Гуырдзыстоны парламенты адæмон барты хъахъхъæнæгы 2023 азы хыгъдлæвæрдмæ хъуыстой

Гуырдзыстоны парламенты пленарон рабадтыл  адæмон хъахъхæнæг  Леван Иоселиани 2023 азы Гуырдзыстоны адæймаджы барты æмæ сæрибардзинæдты хъахъхъæды   уавæры фæдыл афæдзон  хыгъдлæвæрд бавдыста.

Хыгъдлæвæрд у 386 фарсæй æмæ адæймаджы барты хъахъхъæды  30-ы онг  æрдæмадмæ æххæссы.

Леван Иоселиани  парламенты фæныхас кодта  конфликттæй  зиангонд  цæрджыты барты уавæрыл, дзырды, информацийы, æмбырды сæрибардзинады æмæ барты хъахъхъæнджыты   бартыл.  Афтæма æнæниздзинады, фæллойады, социалон ифтонгады, амалхъомдзинад цух уæнгты, сывæлллæтты,  карджынты   бартыл, гендерон  æмсæрады æмæ æндæр фарстатыл.

Сæрмагондæй та, адæмон хъахъхъæнæг   банысан кодта, цæмæй  бæстæйы  нырмадæр расидт у  медиайы сæрибардзинады æмæ журналистты  куыстæн æмбæлгæ  æдас уавæры  уæвын.   Афтæма йæ дзырдæй,  проблемон у  парламенты медиаорганиациты æмæ журналисттæн  æрбайсгæ  специалон уагæвæрд, кæцы  медиайы  хайæн  фæзындты  срухс кæныны фадат  сарæн кодта.

Иоселианийы фидиуæнæй, 2023 азы  æмбырды  сæрибардзинадимæ баст   рад расидтытæ æнæивгæй баззад, æрмæст хицæн цауты   æмбырды сæрибардзинадæй  спайда кæнын ноджы  фæзындæр ис.

Хыгъдлæвæрдмæ гæсгæйæ, адæмон барты хъахъхъæнæг  райхъусын кодта, цæмæй  2023  азы Тамаз Гинтурийы марындзинад у  уый фæстиуæг, æмæ ацы афонмæ не сты дзуаппмæ лæвæрд  Давит Башарулийы, Гига Отхозориайы, Арчил Татунашвилийы æмæ Ираклий Кварацхелиайы  марындзинады  хайадисæг   оккупацион  режимы минæвæрттæ. Афтæма йæ  дзырдæй,   зæгъгæ марындзинады  æнæзакъонон æрцахстытыл, гуырдзиаг æвзаджы ахуыры тобæйы, æнæзакъонон бордеризацийыл æмæ адæймæгты  скъæфты факттыл  бæрц æвæрд цæуы Уæрæсейыл.

Уыимæ Леван Иоселиани райхъусын кодта, цæмæй æнæмæнгхъæугæ у, фæхуыздæр уа ахæстты  бадзырдæй æмгъуыдагъоммæ ссæрибары æмæ æфсхæрды  баззайгæ  хайы  бирæ рогдæр   æфхæрдæй фæивыны механизм.

Уыимæ  адæмон барты хъахъхъæнæгы дзырдæй, афæдзæй-афæдзмæ   къаддæр кæны  пъæлицæйы  уагдæтты æмæ  департаментты  мид æмæ æддæ периметрыл   æвæрд камерæты нымæц. Афтæма йæ дзырдæй, расидт у  МХМ-ы  минæвæрттæн   уæхсчы камерæйæ æмæнæгхъæугæ пайда кæныны хæсы  нæуæвын, аудио æмæ видео ныффыст аразын.

Леван Иоселиани фæллой кæныны бартыл ныхасы банысан кодта, цæмæй  æнæмæнгхъæугæ у  хицæн секторы кусджытæн,  сывæрджыны, ныйарыны æмæ сывæллонмæ  зилынæн  отпускы  æххæстæй финансдзинад уа лæвæрд.