Гуырдзыстоны парламенты абоны рабадт быцæуæмбæлдæй райдыдта [видео]

Гуырдзыстоны  парлменты абоны рабадт  депутатты  æхсæн быцæуæмбæлдæй  райдыдта.

Парламенты  сессийыл  «Æмбæстæгты» уæнг   Алеко Элисашвили   дзырдæй  ралæууыд æмæ «Картули Оцнебайы»  абоны  фидиуæнæн  сдзуапп кодта, кæцымæ  гæсгæ  дæр, фæсарæйнаг финансдзинды  æргомдзинады фæдыл «Картули Оцнеба»  закъондæттæн  инициативæты  бавдисдзæн.

«Уыцы  закъоны фæстæмæ æрбаздахын  у алкæй æфхæрын.  Уый  закъон у «уырысаг» – банысан  кодта Элисашвили.

Элисашвилийы  ацы фидиуæн расайдта парламентон фылдæрты  протест, кæцы  быцæуæмбæлдмæ айрæзтис.

Парламенты сæрдар депутаттæм æрсидтис, ма  спайда кæной  терминæй – «уырыссаг закъон».

«Уый у антигуырдзиаг  пропагандæ, кæцыйы  ацы  тæккæ  уадзут.   Антгуырдзиаг пропагандæйы æмæ адæтты хъæр кæныны  бар   уын нæ ратдзынæн.  Алкæмæн раиу кæндзынæн микрофон, чидæриддæр  ноджы  спайда кæндзæн термин «уырыссаг закъонæй».  Антигуырдзиаг  пропагандæ  ныууадзут.  Гуырдзиаг адæмы ма  сайут.  Фарон уын батадис,  ацы  аз уын нал рауайдзæн» – райхъусын кодта Папуашвили.

Шалва Папуашвили Алеко Элисашвилийы  залæй  феддæдуар кодта.