Гуырдзыстоны  парламентон делегаци Женевæйы  цалдæр бæстæйы  минæвæрттимæ фембæлдзæн
Гуырдзыстоны парламентон делегаци Женевæйы цалдæр бæстæйы минæвæрттимæ фембæлдзæн

Гуырдзыстоны  парламентон делегаци Женевæйы  æхсæнпарламентон  цæдисы  форумы фæлгæтты, дарддæр кæны фембæлдтæ.

Австрийы, Китайы, Германийы, Сингапуры æмæ Японийы   делегациты  фæстæ, Гуырдзыстоны   парламенты  сæрдар Ираклий Къобахидзе  æмæ  гуырдзиаг парламентартæ  абон ноджы цалдæр бæстæйы  минæвæрттимæ фембæлдзысты.

Фембæлдты сæйраг темæ у , оккупаци, Уæрæсейы  архæйдтытæ  æмæ  оккупацигонд территоритыл   адæймаджы барты æфхæрды фактытæ.

Алы фембæлдыл   гуырдзиаг делегацийы уæнгтæ  Арчил Татунашвилийы  хъуыддаджы  фæдыл  колеегæтæн бавдисдзысты информаци.

Æхсæнпарламентон   цæдисы  138-æм  ассамблей уагъд цæуы Женевæйы.  Уым иугонд сты  178 уæнг  æмæ  12 ассоциацигонд   организаци.

Гуырдзыстоны парламентон делегацийы  сконды  сты  фракци «Картули Оцнебайы»  сæрдар  Мамука Мдинарадзе, юридикъон фарстыты  комитеты  сæрдары фыццаг  хæдивæг   Давит Матикашвили, Гуырдзыстоны парламенты   уæнгтæ – Нино Цъилосани, Ираклий  Мезурнишвии  æмæ Зураб Чъиаберашвили,  Гуырдзыстоны  парламенты   аппараты хистæр  Гиви  Миканадзе  æмæ  Гуырдызстоны парламенты  сæрдары   кабинеты  хистæр  Николоз  Самхарадзе.