Гуырдзыстоны цæуынц дæсæм сидты парламентон æвзæрстытæ.
Централон æвзæрстгæнæн комиссийы бæрæггæнæнтæй 2020 азы 31 октябры æвзæрстытæм 3 526 023 æвзæрстгæнæг у регистрацигонд. Сæ нымæцы фæсарæнты – 14 170, Гуырдзыстоны та 3 511 853 æвзæрстгæнæг.
Æппæт бæстæйы масштабæй æмбæстæгтæн схъæлæс кæныны сæ бон у 3 657 æвзарæнон фадыгыл. Фæсарæнты байгом ис 52 æвзарæнон фадыг, сæ нымæцы дыууæ Афгъанистаны. Уæлвæткæй, æфхæрдæххæстгæнæг уагдæтты байгом ис 11 спец-фадыг, æрмæст ковид-пандемийы тыххæй, карантины тыгъдадты æмæ хисæрмагонд изоляцийы уæвæг уæнгтæн, спец-номхыгъдтæй цы хонынц уырдæм хаст чи сты уыдонæн та байгом ис 127 ковид-фадыг.
2020 азы 31 октябры парламентон æвзæрстыты ЦÆК-ы регистрацигонд 50 политикон субъект исынц хайад. 30 мажоритарон зылды 50 политикон субъекты æмæ æмбæстæгты инициативон къордтæй, æмтгæй райсгæйæ регистрацигонд сты 500 мажоритартæм кандидаты.
ЦÆК-ы бæрæггæнæнтæй, æвзæрстыты хайад исынц:
«Звиадийы фæндаг» (Хуыцау, рæстдзинад æмæ бæстæйæн) №43; «Социалон Рæстдæн» №34№ «Гуырдзыстон» №20; «Гиа Жоржолиани – Социал-Демократтæ Гуырдзыстоны Рæзынадæн» №46; «Ираклий Окруашвили – Уæлахизгонд Гуырдзыстон»№17; «Ног Тых» №23; «Тамаз Мечъиаури Иугонд Гуырдзыстонæн» №7; «Реформатортæ» «42, «Гирчи» №36; «Адæмон парти» №32; «Джонди Багъатуриа – Гуырдзиаг Фæлтæр» №49; «Гуырдзиаг уидæгтæ» №28; «Гуырдзыстоны хъомысджын ветеранты æмæ патриотты политикон змæлд» №51; «Фæив Гуырдзыстоны» №30; «Давит Чъичъинадзе трибуна- Чырыстон Демокративон Змæлд» №4; «Ног Чырыстон-Демократтæ; №16; «Тетреби» (Урсытæ) №1; «Звиад Дзидзитгури – Гуырдзыстоны Консервативон Парти» №47; Фыдыбæстæйы хъæбулты орден «Самшобло» №57; Экка Беселиа – Политикон парти «Рæстдзиандæн»№26; «Æвзæрст Фыдыбæстæйæн» №48; «Гачечиладзе-Цъæхты парти» №9; «Нино Бурджанадзе – Иугонд Гуырдзыстон-Демокративон змæлд» №3; «Националон-Демокративон Змæлд»№45; «Змæлд Сæрибар Гуырдзыстонæн» №12; «Фидæны Гуырдзыстон» №6; «Лело-Мамука Хазарадзе» № 56; «Алеко Элисашвили-Æмбæстæгтæ» № 24; «Бежан Гунава – Гуырдзиаг Æвзæрст» №14; «Сæриабр Гуырдзыстон 9Каха Кукава, Гиорги Цъулаиа)» №21; «Реформер» №13; «Æмбæстæгты политикон иугонд «Нæ Гуырдзыстон-Солидарондзинады альянс» №19; «Сæрибардзинад-Звиад Гамсахурдиайы фæндаг» №31; Леван Чачуа, Гурам Палавандишвили – Гуырдзиаг Идея» №44; «Гуырдзиаг Марш –Национ Змæлд» №55; «Прогрессивон Гуырдзыстон» № 50; «Шалва Нателашгвили- Гуырдзыстоны Лейбористон парти» №10; «Кусджыты социалистон парти» №11; «Националон-Демокративон Парти» №33; «Сæрибар Демократтæ»№25; «Серго Джавахадзе- евроатлантикон вектор» № 52; «Ана Рехвиашвили – Адæмон змæлд Чырыстон-демократтæ» №54; «Гуырдзыстоны рæзынады парти» №60; «Традиционалисттæ» №53; «Давит Тархан Моурави, Ирма Инашвили – Гуырдзыстоны Патриотты Альянс» №8; «Гуырдзиаг Бæллицц – Демокративон Гуырдзыстон» №41; «Бакрадзе, Угулава, Бокъериа – Европаг Гуырдзыстон – Змæлд Сæрибардзинадæн» №2; «Амалиуæгад Фервæзын кæндзæн Гуырдзыстоны» №18; Æвзарæнон Блок «Иугонд националон Змæлд – Иугонд Оппозици «Тых Иудзинады ис» №5; æвзарæнон блокъ «Гиорги Вашадзе – Стратегиа Агъмашенебели» №27.
Гуырдзыстоны парламентон æвзæрстытæ фыццаг хатт ног æвзарæнон системæйæ цæуы. Æвзæрстгæнджытæ, дæсæм æрсидты парламенты цыппар азы æмгъуыдæй, æмхæццæ системæйæ сывзардзысты – 120 депутат пропорцион æвзарæнон системæйæ æрцæудзæн æвзæрст, æрмæст 30 – мажоритарон системæйæ.