Гуырдзыстоны парламент хицауады ног къордæн æууæнкдзинад расидтис
Гуырдзыстоны парламент хицауады ног къордæн æууæнкдзинад расидтис

Гуырдзыстоны парламент 103 хъæлæсæй 17-ы ныхмæ хицауады ног къордæн йæ фарсыл рахæцыд.

Гуырдзыстоны хицауады структурон ивæндзинæдтæ сырæзт, кæцытæм гæсгæ министрадты нымæц 18-æй 14-онг фæкъаддæр ис.

Европон æмæ Евроатлантикон структуратæм интеграцийы фарстаы паддзахадон министры аппарат æттаг хъуыдтгæты министрадмæ баиу ис.

Æрдз хъахъæды министрад- хъæууон хæдзарадон министрадмæ, культурæ æмæ цыртты хъахъæды  министрадмæ æрцыд æфтыг æрыгонты хъуыдтгæты компонент, экономикайы министрадмæ энергетикайы æмæ æрдз хъахъæды иу хайы компонент.

Хицауады ног къорды æууæнк расидыны процедурæ парламенты знон райдыдта.