Гуырдзыстоны парламент хицауады æууæнкдзинады расидты процедура райдайдзæн
Гуырдзыстоны парламент хицауады æууæнкдзинады расидты процедура райдайдзæн

Гуырдзытсоны парламент хицауадæн æууæнкдзинады расидыны процедурæ райдайдзæн. Парламенты, министртæм абон сæумæрайсомæй æнхъæлмæ кæсынц. Парламентон комиетты министртæм 10:00-12:00 сахаты онг байхъусдзысты.

Комитетты рабадты фæуды фæстæ, министртæ парламентон фылдæры хай æмæ къадæрдæртимæ, афтæ дæр фембæлдтæ сараздзысты, кæцыты премьер-министр дæр исдзæн хайад.

Хицауады уæнгтæ, фыццаг фембæлд, 13:00 сахатыл парламентон фылдæры хаимæ сараздзысты. 15:00-сахатыл министрты кабинеты уæнгтæ фракци «Националон змæлды» бæрнонтыл фембæлдзысты, 17:00 сахатыл та  хицауады уæнгтæм байхъусдзысты фракци «Патриотты альянс». Парламентон фылдæры хай æмæ министрты фембæлд 19:00 сахатыл у плангонд æмæ 20:00 сахаты онг адаргъ уыдзæн. 21:00 сахатыл та парламенты бюро сырæздзæн.