Гуырдзыстоны  паддзахадон тырысайы бонмæ гæсгæ парламенты сырæздзæн бæрæгбонон мадзал
Гуырдзыстоны паддзахадон тырысайы бонмæ гæсгæ парламенты сырæздзæн бæрæгбонон мадзал

Гуырдзыстоны паддзахадон тырысайы  бонмæ гæсгæ, парламенты  сæрдар  Ираклий Къобахидзе  абон бæрæгбонон уазджыты райст сараздзæн.

Парламенты пресс-куысты куыд хъусын кæнынц  афтæмæй,    мадзалыл  равæрдзысты   Гуырдзыстоны  алы муниципалитеты  герб æмæ тырыса, афтæдæр   хæдуынафæгæнæг   сахарты  символикæ.

Уымæй  уæлдай ма,    хуынд уазджытæн уыдзæн фадат,   цæст ахæссой  дунейы  æндæр æмæ æндæр музейтæй  æмæ библиотекæтæй райст  портолантæ (денджызон картæтæ)   кæцытыл æвдыст у Гуырдзыстоны  историон  фондз дзуарджын тырыса.

Мадзал Тбилисы, парламенты  бæстыхайы   Шота Руставелийы  номыл   залы  14:00  сахатыл  сырæздзæн.

Гуырдзыстоны паддзахадон тырыса   герб æмæ гимнимæ иумæ,  Гуырдзыстоны органон закъоны   бындурыл  æрбайстой, кæцы Гуырдзыстоны  президенты хæстæ æххæстгæнæджы   къухбафысты фæстæ,  2004 азы  14 январæй бацыд йæ тыхмæ.   Гуырдзысторны  паддзахзадон  тырысайы  бон  дæр 14 январы –  Гуырдзыстоны паддзахадон тырысайы  фæдыл органон закъоны  райсты  бон банысан вæййы.  Паддзахадон   тарасайы  бон фыццаг  2012 азы  14 январы  банысан кодтой.