Гуырдзыстоны официалон виитæй  уæвы  Италиайы хъахъхъæнынады тыхты хистæр
Гуырдзыстоны официалон виитæй уæвы Италиайы хъахъхъæнынады тыхты хистæр

Гуырдзыстонмæ  официалон визитæй  Италиайы  хъахъхъæнынады  тыхты сæрдар, Адмирал  Джузеппе  Каво  Драгоне æрцыд.   Италиайаг  адмиралæн  сфысым кодта  Гуырдзыстоны  хъахъхъæнынады министр, Ираклий Чиковани. Уый италиайаг фарсæн  Гуырдзыстоны  территорион æнæхъæндзинад, суверенитет æмæ  евроталантикон  структурæтæм  интеграцийы фæндагыл  хъæддых политикон æмæ  практикон   фарсхæцыны тыххæй  раарфæ кодта.

Министр Гуырдзыстоны  иргъæфхъомады  райрæзын кæныны  процессы, Италиайы   куыд  нысаниуæгджын   æхсæнадæмон  партнеры  рол банысан кодта.

Адмирал  Джузеппе Каво Драгонейæн фысым кæны  хъахъхæнынады тыхты  сæрдар, инæлар-майор  Гиорги Матиашвили.

Официалон размæ рацыды  церемонийы  фæстæ  гуырдзиаг æмæ италиайаг   коллегæтæ хъахъхъæнынады сферæйы  цæугæ   æмгуыстады фарстатæ  æмæ перспективæтæ  афæлгæстой. Ауæрæхгонд  фембæлдыл, кæцыйы хайад истой  генералон штабы æмæ Италиайы  делегацийы  минæвæрттæ,  фарсытæ  бирæнацион   æфсæддон  ахуырты иумæйаг  хайадыл, НАТО-Гуырдзыстоны  æмгуыстадыл, афтæма, регионы  æдасдзинады  æрдгæй  уæвæг   расидтытыл  фæныхас кодтой.

 Информаци хъусын кæны Гуырдзыстоны хъахъхъæнынады министрады пресскуыст.