Гуырдзыстоны ног премьер-министры кандидатурæ абон суыдзæн зындгонд
Гуырдзыстоны ног премьер-миниcтры кандидатурæ абон суыдзæн зындгонд
Абон, 09:00 сахатыл политикон иудзинад «Гуырдзийаг бæллиц- демократион Гуырдзытсоны» централон офисы политикон советы рабадт сырæздзæн.
«ГБ» пресс-цетры информацимæ гæсгæ, партийы рабадтæн Бидзина Иванишвили къухдариуæг кæндзæн. Политикон советы фæуды фæстæ та фылдæры хайы рабадт сырæздзæн.
Рабадтыл премьер-министры ног кандидатурæ æмæ хицауад ивæндзинæдтыл фæуынаффæ кæндзысты.
Мамука Бахтадзе абон ахæлиугонд фидиуæны мидæг банысан кодта, цæмæй уадзы премьер-министры пост. Мамука Бахтадзе фыссы, цæмæй йæ хуъыдымæ гæсгæ, йæ мисси ацы этапыл кæронмæ сыххæст кодта.
«2018 азы Гуырдзыстоны премьер-министры постмæ мæ бавдысты нысан æмæ сæйраг мандат уыд растдæр бæстæйы рæзынады стратегион фæлгæттæ скæнын æмæ æрфидар кæнын, кæцы фæдылдзог азты дæргъы сифтонг кодтаит нæ паддзахадон нысæнттæм баххæссын, суыдаит бæстæйы рæзынады фæндагамонæг чиныгæй.
Рæзынады стратегион фæлгæт арызт у, æрфидар ис æмæ уымæ æмбæлгæйæ дæр ахицæн кодтон постæй хи суæгъд кæнын, уымæн æмæ мæ хъуыдымæ гæсгæ, мæ мисси ацы этапыл сыххæст кодтон.
Мæнæн стыр кад æмæ иурæстæгонæй бæрн уыдис бакуыстаин Гуырдзыстоны премьер-министры рангы мæ бæстæйы интерестæ бахъахъхъæнынæн.
Æз уыддæн æмæ уыдзынæн «Гуырдзиаг Бæллиццы» балы уæнг æмæ нæ бæстæйы æмзæрдæ сæрыл хæцæг»,- банысангонд у Мамука Бахтадзейы фидиуæны.