Гуырдзыстоны ног коронавирусы ноджы иу цау сбæлвырд ис. Уый фæдыл журналисттæн фехъусын кодта Низты контролы националон центры къухдариуæггæнæг Амиран Гамхърелидзе.
Гамхърелидзе куыд банысан кодта афтæмæй, инфициргонд у Гуырдзыстоны æмбæстаг, кæцы бæстæмæ хуыцаубоны, Италийæ æрцыд æмæ йæм уæд вирусы симптомтæ нæ уыд.
«Стæй йын фæбæрзонддæр ис температурæ. Йæхæдæг бацыд рынчындонмæ. Знон сæумæрасом æй госпитализаци скодтой. Лабораторионæй знон æхсæвы сбæлвырд ис æвæрццаг цау», – райхъусын кодта Амиран Гамхърелидзе.
Абоны бæрæггæнæнтæй, Гуырдзыстоны коронавирусы цыппар цау сфиксир ис. Уыдонæй дыууæйæн ис Иранмæ балцы истори, дыууæйæн та – Италимæ.