Гуырдзыстоны ног коронавирусы ноджы аст ног цау сбæлвырд ис

Гуырдзыстоны  ног коронавирусы  ноджы  аст  ног  цау  сбæлвырд ис. Раззаг бæрæггæнæнтæй,  бæлвырд  уыд   корронавирусы  15  цауы.

Гуырдзыстоны хицауады  арызт  официалон вебфарсыл –  stopcov.ge куыд у банысангонд, афтæмæй,  Гуырдзыстон  ног  коронавирусы 23  цау фиксир кæны.

Афтæма, официалон бæрæггæнæнтæй, карантины режимы – 126, стационары  цæстдарды бын  та  46 адæймагы ис.

Гуырдзыстоны ног коронавирусы  фыццаг цау  26 февралы   сфиксир ис. Вирус  фæбæрæг ис Гуырдзыстоны æмбæстагмæ – 50 аздзыд нæлгоймагмæ,  кæцы  Азербайджаны уылты  Иранæй   æрцыд.  Афтæма, коронавирусы  фæдылдзог цаутæ  баст сты, Италийæ æрыздæхгæ  Гуырдзыстоны æмбæстæгтимæ.