Гуырдзыстоны ног коронавирусæй ноджы иу пациент æрбамард.
Уый фæдыл Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Гахариа хицауады рабадтыл фехъусын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, зæгъгæ амард 1939 азы гуыр, 81 аздзыд сылгоймаг.
«Абоны бæрæггæнæнтæй, нæ бон зæгъын у, цæмæй бæстæйы эпидемиологион уавæр абаргæйæ стабилондæр ссис. Ноджы иу хатт, хаххгондæй мæ фæнды зæгъын, цæмæй абаргæйæ стабилон ссис æмæ йæ контрол кæнын ис гæнæн. Абоны бæрæггæнæнтæй, нын ис инфицирады фондз ног цау, 11 сдзæбæх сты æмæ хъыгагæн, абон сæумæрайсомæй фæбæрæг ис, цæмæй нын ис ноджы иу фæмардуæвæг сылгоймаг, 81 аздзыд. Ацы хъыгаг факт ноджы иу хатт бæлвырд кæны, цæмæй цыфæнды æнтыстджын тох инфекцийы æмæ пандемийы ныхмæ, нырма нæ амонынц уый æмæ исты кæронбæттæн хатдзæгтæ рахæссын у нæ бон. Уый у дæргъвæтин процесс æмæ бæрæг куыд у, афтæмæй, ацы вирус махмæ ноджы бирæ рæстæг баззайдзæн», – загъта Гиорги Гахариа.
Афтæма, специалон веб-фарс stopcov.ge-йы информацийæ, бæстæйы фæнысангонд вирусæй æмтгæй райсгæйæ, 12 адæймаг амард.