Гуырдзыстоны ноджы иу зæххæнкъуыст уыд
Гуырдзыстоны ноджы иу зæххæнкъуыст уыд

Гуырдзыстоны ноджы иу зæххæнкъуыст æрцыд.

Æрдзон зонæдты институты æмæ сейсмикон мониторингы националон центры информацимæ гæсгæ, эпицентр Тбилисæй 60 км дæрддзæгыл, горæт Тианеты цæгатырдæм 25 км, курорт Важасцъхъаройы цур æрцыд.

Зæххæнкъуысты магнитудæ уыд 3.8. Схуыстытæ Тбилисы рæстæгæй 09:03 сахатыл сфиксир сты.

Тианеты цур абон 04:53 сахатыл зæххæнкъуыст æрцыд. Зæххæнкъуысты магнитудæ уыд 3,9.