Гуырдзыстоны  ноджы иу, 3.9  магнитудæйы  зæххæнкхъуыст уыд
Гуырдзыстоны ноджы иу, 3.9 магнитудæйы зæххæнкхъуыст уыд

Гуырдзыстоны ноджы  иу  зæххæнкъуыст уыд.  Схуыстытæ  18:13 сахатыл  сфиксир сты. Эпицентр ацы хатт дæр  Самебайы цур уыд.

Сейсмон мониторингы  националон центры  бæрæггæнæнтæй,   зæххæнкъуысты  тых уыдис 3.9 магнитудæйы  бæрц.

13 февралы, Тбилисы рæстæгæй  22:25 сахатыл  Гуырдзыстоны  6.2 мгнитудæйы тыхы зæххæнкъуыст уыд.  Эпицентр уыдис  хъæу Самебайы цур. Зæххæнкъуысты  фæстиуæгæн   Дманисы муниципалитеты  скъолайы бæстыхай æмæ 20-ы онг  хæдзар базиан ис.