«Гуырдзыстоны Националон Иудзинады» минæвæрттæ Лондоны паркъмæ ацыдысты
«Гуырдзыстоны  Националон Иудзинады»  минæвæрттæ  Лондоны паркъмæ  ацыдысты

Националон  социалистон змæлд  «Гуырдзыстоны  Националон Иудзинад»-ы  (Сакарвтелос Эровнули Эртоба) минæвæрттæ  араст сты  Лондоны  паркъы  æрдæм.

Уыдон  Руставелийы  алфамбылай  территорийыл, Чъантуриайы  уынгыл лæууыдысты.

Сæрыфыццагæй  сæ фæндыд   Кашуеты  аргъуаны онг бацæуын, фæлæ  уымæн цæмæй, сын барадхъахъхæнджытæ  Руставелийы проспектмæ  æссæуыны  фадат нæ  раттой,  ахицæн  кодтой Лондоны паркъмæ ацæуын.

Акцийы  хайадисджытимæ иумæ   ацыдысты  барадхъахъхъæнджытæ дæр.

Сæ ныхæстæм гæсгæ,  уый тыххæй зæгъгæ,  цæмæй  сын полици Руставелийы проспектмæ æссæуыны бар нæ ратта, уыдон нæ хъавынц  барадхъахъхъæнджытимæ фæбыцæу кæнын.

«Конкретон  æркуырдтæ нæм ис,  сæрмгаондæй  та   уый  æмæ 9 апрелы  мемориалы  цур, цæхгæр кæрон суа  ерын уым цы фæзындтæ цæуынц  уый æмæ   урæд  æрцæуа æмбæстагон быцæудзинады æрдæм сидтытæ. Æндæр цауы  та дзуапп  ратдзыстæм» – дзурынц  акцийы  хайадисджытæ.

Фарстыл   цы формæйæ  хъавыынц  дзуапп раттын,  уый нæ   конкрет кæнынц.

Националон социалистон  змæлд  «Гуырдзыстоны Националон Иудзинад»  Лондоны паркъы,  æмбæстагон  гвардийы  саразын хъавы.