Гуырдзыстоны Националон Банкъ  нысаæмрастыл нæ нымайы TBC Bank»-имæ  баст фарстайы  парламенты  æркаст
Гуырдзыстоны Националон Банкъ нысаæмрастыл нæ нымайы TBC Bank»-имæ баст фарстайы парламенты æркаст

Гуырдзыстоны Националон Банкъ  нæу разы, парламенты  æркæсой  «TBC Bank»-имæ  баст фарста.  Уый фæдыл дзырдæуы    уагдоны    фидиуæны.

«Гуырдзыстоны Националон банкъ   йæ  куыст æххæст кæны максималоонæй   рухсдзыдæй  æмæ  закъондæттынадмæ æмбæлгæйæ кæддæриддæр   дæтты  дзуапп   закъондæттæн оргæны  фарстытæн.   Коммерцион  сусæгдзинады  хъахъхъæды  прицип æмæ базары  регуляторы   ахсджиаг рол  зæрдыл даргæйæ,  нысанæмрастыл нæ исæм  конкретон банкъимæ  баст  цæстдарæн мадзæлтты æркаст.  Ахæм дискусси гæнæн ис   знаггадгæнæг уа  финансон секторы  минæвæрттæн.

Гуырдзыстоны парламенты   фадыгон  экономикæйы  æмæ экономикон   политикъæйы   комитеты  сидты фæстæ, 21  февралы   ахæлиу ис  Националон Банкъы æмæ «TBC Bank»-ы   иумæйаг фидиуæн, кæцымæ гæсгæ дæр, комитеты æнхъард  æркæсинаг   фарста дыууæдæр фарсæй  сæвдæлон ис. Афтæма,  «TBC Bank» скъуыны   тæрхонон даутæ  Националон Банкъы  ныхмæ æмæ  разы  у  Националон Банкъы  æрдгæй  уагæвæрд  домæнтимæ.  Уыцы  бон Националон Банкъ публикаци скодта   ацы  хъуыддагимæ баст  уæлæмхас  детæлттæ, кæцытæ   Националон Банкъы  æрдæм  уæвæг  алы  фарстайæн максималонæй дæтты дзуапп» – дзырдæуы  Банкъы  фидиуæны.

Гуырдзыстоны Националон Банкъы   президенты, Къоба Гвенетадзейы  ранызас  сом парламенты  фадыгон   экономикæйы  æмæ  экономикон   политикъæйы   комитеты  рабадтыл у  плангонд. Боны  фæткмæ гæсгæ, раныхасы  фыццаг  темæ  Националон Банкъы  ист  ног  регулцимæ æххæссы, æрмæст дыккаг  та «TBC Bank»-имæ  баст процесстæм.